Фиппаинаг
a Дзырдбаст «дунейы фӕзынд»-ӕн йӕ хъуыды у «мыггаг ӕппӕрст ӕрцыд», ӕмӕ амоны цот кӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ам дзырд цӕуы, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн цот куы фӕзынд, ууыл. Фӕлӕ «дунейы фӕзынды» кой кӕнгӕйӕ Йесо Авелы тыххӕй цӕмӕн дзырдта, кӕд ӕмӕ зӕххыл фыццаг сывӕллон Каин уыди? Каины фӕндтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ зонгӕ-зонын рацыд. Йӕ ныййарджытау Каин дӕр нӕ уыдзӕн, Хуыцау кӕй райгас кӕна ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссӕрибар кӕна, уыдоны ’хсӕн.