Фиппаинаг
b Брошюрӕйы, «Ацы куыст кӕй бар ис?», зӕгъгӕ, фыст уыд: «Журнал „Сызгъӕрин ӕнус“-ы фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. [...] Алы хӕдзары дӕр адӕймагимӕ куы аныхас кӕнӕм, уӕд ын хъуамӕ ныууадзӕм иу журнал, уыцы адӕймаг журнал рафыста ӕви нӕ, уӕддӕр». Уый фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы ӕфсымӕрты разӕнгард кодтой, цӕмӕй-иу уацамынды адӕмӕн дзырдтаиккой, сӕ бон кӕй у «Сызгъӕрин ӕнус» дӕр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дӕр рафыссын. 1940 азы 1 февралӕй фӕстӕмӕ та Йегъовӕйы адӕмы разӕнгард кодтой, цӕмӕй журналтӕ парахат кодтаиккой ӕмӕ-иу алчидӕр хыгъды ныффыстаид, цал журналы радта, уый.