Фиппаинаг
d Йесо ма ахӕм хъуыды загъта, сӕудӕджеры тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр. Уыцы сӕудӕджер ацыд зынаргъ налхъуыт агурӕг. Ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ауӕй кодта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ӕмӕ уыцы налхъуыт балхӕдта (Матф. 13:45, 46). Ацы дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй ма фенӕн ис уый дӕр, ӕмӕ адӕм рӕстдзинад алыхуызӕтты базонынц. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл чидӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕмбӕлынц, чидӕртӕ та йӕ сӕхӕдӕг фӕагурынц. Фӕлӕ куыдфӕнды ма базонӕм рӕстдзинад,– не ’ппӕт дӕр цӕттӕ стӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрӕм.