Фиппаинаг
f Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы Адӕймаджы Фырт стыр зындзинады рӕстӕджы ӕрцыд йӕ кады ӕмӕ ӕрбадт тӕрхон кӕнынмӕ. Уый адӕмыл тӕрхон кӕны, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кодтой ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕ тӕрхоны рӕстӕгӕй бирӕ раздӕр куы ацыдаиккой зӕххӕй, уӕд ахӕм хуызы тӕрхон кӕнын раст нӕ уыдаид (Матфейы 25:31—46).