Фиппаинаг
b Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕлгъ кӕны ӕвзӕрдзинадыл. Цӕвиттон, Ефесӕгтӕм 4:29-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ӕвзӕр дзыхӕй дзурын хуыйны «ӕмбыд ныхас». «Ӕмбыдӕй» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый та комкоммӕ хауы ӕмбыд дыргъ, кӕсаг кӕнӕ дзидзамӕ. Ӕмӕ иттӕг хорз ӕвдисы, ӕлхыскъ кӕнӕ ӕнӕгъдау ныхасмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый. Фыстады мӕнг хуыцӕутты тыххӕй дӕр арӕх дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыдон сты «фаджыс» (Дыккаг закъон 29:17; Иезекил 6:9). Фаджысыл кӕнӕ лӕхыл куыд ӕлгъ кӕнӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, мӕнг хуыцӕуттӕн цыфӕнды хуызы кувынӕй дӕр Хуыцау йӕ уӕнгӕл куыд уыны, уый бамбарынӕн.