Фиппаинаг
a «[Йесо ӕмӕ фарисейтӕ] кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кодтой, уый бӕрӕг уыди, Хуыцауы куыд алыхуызӕтты ӕмбӕрстой, ӕрмӕст уымӕй дӕр. Фарисейтӕн Хуыцау фыццаджыдӕр уыди, ӕрмӕстдӕр домгӕ чи кӕны, ахӕм Хуыцау; Йесойӕн та — фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фарисейтӕ афтӕ нӕ дзырдтой, ӕмӕ Хуыцаумӕ хорздзинад ӕмӕ уарзондзинад нӕй, фӕлӕ уыцы миниуджытӕ уыдон уыдтой, Торӕ [Закъон] сын кӕй радта ӕмӕ сын йе ’ххӕст кӕныны фадат кӕй уыдис, ӕрмӕстдӕр уый мидӕг... Фарисейты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг фидар куы хӕцыдаид, закъон ӕмбарын кӕнынӕн цы амындтӕ ӕрымысыдысты, уыдоныл, уӕд ӕххӕст кодтаид Торӕ [...] Йесо Хуыцауы ӕмӕ хӕстӕджы уарзыны фӕдзӕхст (Матф. 22:34—40), закъон уыдон куыд ӕмбарын кодтой, уый ӕмвӕз кӕй скодта, сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ та сын ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл кӕй нӕ нымадта... уый тыххӕй сси фарисейтӕн се знаг» («The New International Dictionary of New Testament Theology»).