Фиппаинаг
a Йесо цы куывд бацамыдта, уым куыд загъта, афтӕ, каддиш кӕй хонынц, уыцы куывды дӕр дзырд цӕуы Хуыцауы ном срухс кӕныны тыххӕй. Кӕд иуӕй-иуты ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕлвырд нӕу, ацы дзуттаг куывд Чырыстийы рӕстӕджы, йе та суанг раздӕр кӕй фӕзынд, уый, уӕддӕр мах хъуамӕ ма дис кӕнӕм, цыдӕр дзы ӕмхуызон кӕй у, ууыл. Йесо цӕй тыххӕй куывта, уым ногӕй ницы уыд. Ацы куывды цы курдиӕттӕ ис, уыдон иууылдӕр уыдысты Фыстадмӕ гӕсгӕ, уӕды рӕстӕг дзуттӕгтӕн та се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыд Фыстад кӕсын. Ӕмӕ сӕ Йесо разӕнгард кодта, цӕмӕй, уӕдмӕ дӕр цӕй тыххӕй куывтой, уыдӕтты тыххӕй куывтаиккой.