Фиппаинаг
a «Ӕрцыд»-ӕй цы грекъаг дзырд у тӕлмац, паруси́а, зӕгъгӕ, уымӕн йӕ хъуыды бирӕтӕ раст нӕ фембарынц. Иу дзырдуаты уый тыххӕй фыст ис: «ПАРУСИА... нысан кӕны, чидӕр кӕдӕмдӕр кӕй ӕрцыд, уый дӕр ӕмӕ, уый фӕстӕ уым кӕй ис, уый дӕр» («Vine’s Expository Dictionary of Old and New Testament Words», 1981, 1 том, 208, 209 фф.). Ӕмӕ нын Чырыстийы ныхӕстӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц уый бамбарынӕн. Йе ’рцыд абарста, Нойы рӕстӕг цы Доны хъаймӕт уыди, уыимӕ нӕ, фӕлӕ «Нойы рӕстӕгимӕ». Ома иу цавӕрдӕр хабары кой нӕ кодта, фӕлӕ, цасдӕр чи ахаста, уыцы рӕстӕджы кой. Уыцы рӕстӕг куыд уыд, афтӕ Чырыстийы ӕрцыды рӕстӕг дӕр адӕм ӕрмӕст сӕ царды мӕт кӕндзысты ӕмӕ сӕ цӕмӕй фӕдзӕхсынц, уымӕ нӕ хъусдзысты.