Фиппаинаг
c Ацы фӕлтӕр цы рӕстӕджы дӕргъы цӕры ӕмӕ, Раргомады чиныджы фыццаг цӕстылуайӕн цы рӕстӕджы ӕххӕст кӕны, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, сты иу рӕстӕг (Рарг. 1:10–3:22). Ацы цӕстылуайӕн у Хицауы боны тыххӕй. Уый ӕххӕст кӕнын райдыдта 1914 азы ӕмӕ фӕуыдзӕн, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕй фӕстаг куы амӕла ӕмӕ уӕларвон цардмӕ куы райгас уа, уӕд. Кӕс чиныг «Откровение: его грандиозный апогей близок!», 24 ф., 4 абз.