Фиппаинаг
a Дызӕрдыггаг чи не сты, Библийы уыцы тыхтӕтты 44 ӕмӕ 46 стихтӕ нӕй. Ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, уыцы дыууӕ стихы фӕстӕдӕр кӕй бафтыдтой. Профессор Арчибальд Робертсон фыссы: «Ӕппӕты рагондӕр ӕмӕ хуыздӕр тыхтӕтты ацы дыууӕ стихы не сты. Уыдон фыццаг фӕзындысты хурныгуылӕн ӕмӕ сириаг (византийаг) тыхтӕтты, ӕмӕ 48 стихы цы фыст ис, уыдоны дӕр ӕндӕр ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ, 44 ӕмӕ 46 стихтӕ айстам, фыццаг къухфыстыты кӕй не сты, уый тыххӕй».