Фиппаинаг
b Септуагинтӕйы ма фыст ис, Ионӕ хуыр-хуыр кӕй кодта. Фӕлӕ Ионӕ тарф фынӕй кӕй кодта, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын уӕлдай нӕ уыд, йӕ алыварс цытӕ цыд, уый. Адӕймаг тынг куы фӕтыхсы, уӕд ӕм ӕцӕгдӕр фынӕй кӕнын фӕцӕуы. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти Гефсиманы дыргъдоны йӕ мӕлӕты размӕ куы хъизӕмар кодта, уӕд Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны «маствӕллад уӕнгтыл хуыссӕг фӕтых» (Лукайы 22:45).