Фиппаинаг
a Ныхӕстӕ «судзгӕ цӕхӕртӕ» амонынц, раджы заманты ӕрзӕт (руда) куыд дон кодтой, уымӕ. Ӕрзӕт-иу сӕвӕрдтой цӕхӕртыл, стӕй-иу ын йӕ сӕрыл дӕр цӕхӕртӕ ӕркалдтой. Уый фӕрцы-иу ӕрзӕт батад ӕмӕ-иу дзы згъӕртӕ рахицӕн кодтой. Афтӕ мах дӕр не знаджы сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ куы калӕм, ома йын хорздзинад куы аразӕм, уӕд фӕфӕлмӕндӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ хорз миниуджытӕ рабӕрӕг уыдзысты.