Фиппаинаг
a Айразмӕ цы статья уыд, уым радзырдтам, сидзӕр чызг Есфиры йӕ фыдыфсымӕр Мардохей кӕй схъомыл кодта ӕмӕ стӕй Персы паддзах Ахашверошы бинойнаг кӕй сси, уый тыххӕй. Паддзахы уынаффӕгӕнӕг Аман сфӕнд кодта, Мардохей цы адӕмӕй уыд, уыцы адӕмы, дзуттӕгты, скуынӕг кӕнын. Мардохей Есфирӕн загъта, цӕмӕй паддзахмӕ бацыдаид ӕмӕ йӕ адӕмы сӕрыл сдзырдтаид. Кӕс рубрикӕ «Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг», статья «Хуыцауы адӕмы сӕрыл сдзырдта», 2011 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».