Фиппаинаг
a Йегъовӕ нӕ фыд кӕй у, уый тыххӕй Библийы бирӕ рӕтты ис фыст. Зӕгъӕм, Матфей, Марк ӕмӕ Лукайы Евангелиты Йесо 65 хатты бӕрц схуыдта Хуыцауы «Фыд», Иоанны Евангелийы та йӕ афтӕ схуыдта 100 хаттӕй фылдӕр. Павел дӕр йӕ фыстӕджыты Хуыцауы тыххӕй, «Фыд», зӕгъгӕ, загъта 40 хаттӕй фылдӕр. Йегъовӕйы нӕ Фыд схонӕн уымӕн ис, ӕмӕ нын цард уый радта.