Фиппаинаг
b Данелы 2:44 стихы ацы ныхӕстӕ, «фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр», зӕгъгӕ, хауынц, гуымирыйы хӕйттӕ цы дунеон паддзахӕдтӕм амонынц, уыдонмӕ. Фӕлӕ ӕндӕр пехуымпарады та фыст ис, «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» кӕй ӕрӕмбырд уыдзысты ӕмӕ кӕй рацӕудзысты Йегъовӕйы ныхмӕ «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны» (Рарг. 16:14; 19:19–21). Уымӕ гӕсгӕ, Армагеддоны фесӕфдзысты, гуымирыйы хӕйттӕ цы паддзахӕдтӕм амонынц, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ ацы дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр.