Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ

Фиппаинаг

a Ног пионертӕ иу къласы фаг куы нӕ уой, уӕд, чи зоны, фӕхоной, ацы скъола фондз азы размӕ кӕнӕ уымӕй раздӕр чи рацыд, ахӕм пионерты.

Скъола хистӕр нӕлгоймӕгтӕн

Йӕ нысан цы у: цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн баххуыс кӕна ӕмбырды сӕ хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ сӕм Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый хуыздӕр бамбарынӕн.

Цас фӕцӕуы: фондз боны.

Кӕм фӕцӕуы: уый спълан кӕны филиал; арӕхдӕр Паддзахады залы кӕнӕ Конгрессты залы.

Чи дзы фӕахуыр кӕны: хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

Куыд ӕм фӕхонынц: хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхоны филиал.

Иугонд Штатты уыцы скъолайы 92-ӕм къласы чи ахуыр кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ мӕнӕ цы загътой:

«Ацы скъола мын стыр ӕххуыс фӕци. Мӕ зӕрдӕмӕ ныккастӕн ӕмӕ бамбӕрстон, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы фыстӕн хорз фыййау уон».

«Ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, иннӕты Библийы фӕрцы фидар кӕнын куыд хъӕуы, уый ӕмӕ архайдзынӕн, цӕмӕй алы хатт дӕр Библийӕ пайда кӕнон».

«Цӕрӕнбонты дӕр мӕ нӕ ферох уыдзӕн, уыцы скъолайы цӕуыл сахуыр дӕн, уый».

Скъола цӕуӕг цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн

Йӕ нысан цы у: цӕмӕй районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытӕ ноджы арӕхстджындӕр уой «Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы» (1 Тим. 5:17; 1 Пет. 5:2, 3).

Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: уый спълан кӕны филиал.

Чи дзы фӕахуыр кӕны: районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ устытӕ.

Куыд ӕм фӕхонынц: районон ӕмӕ облӕстон цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ устыты фӕхоны филиал.

Джоэл ахуыр кодта ацы скъолайы 1-ӕм къласы, 1999 азы. Уый зӕгъы: «Ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдыдтам, Чырысти ӕмбырдтӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕн. Бамбӕрстам, куыд тынг хъӕуы не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты фидар кӕнын ӕмӕ, алы ӕмбырды дӕр иудзинад уа, ууыл архайын. Нӕ зӕрдыл бадардтам иу ахсджиаг хъуыддаг: кӕд цӕуӕг цӕстдарӕджы уынаффӕ раттын ӕмӕ хатт зонд бацамонын дӕр фӕхъӕуы, уӕддӕр сӕйраджыдӕр хъуамӕ ууыл архайа, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зоной, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уый».

Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн

Йӕ нысан цы у: цӕмӕй ӕнӕус хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты бацӕттӕ кӕна Йегъовӕйы организацийы фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Ацы скъолайы чи сахуыр кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕры снысан кӕнынц, сӕ бӕстӕйы ӕххуыс тынгдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм рӕттӕм. Кӕйдӕрты дзы ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр арвитынц лӕггад кӕнынмӕ, кӕд уымӕ цӕттӕ вӕййынц, уӕд. Иуӕй-иуты та цасдӕр рӕстӕгмӕ снысан кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй, цӕмӕй, Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕй, ахӕм дард рӕтты хъусын кӕной ӕмӕ дзы ног ӕмбырдтӕ саразынӕн ӕххуыс кӕной.

Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: уый спълан кӕны филиал; арӕхдӕр Паддзахады залы кӕнӕ Конгрессты залы.

Чи дзы фӕахуыр кӕны: ӕнӕус ӕфсымӕртӕй 23 азӕй 62 азы онг кӕуыл цӕуы, йе ’нӕниздзинад фидар кӕмӕн у ӕмӕ, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон (Мар. 10:29, 30). Хъуамӕ ӕппынкъаддӕр дыууӕ азы лӕггад кӕной ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй, стӕй ӕппынкъаддӕр фӕстаг дыууӕ азы уой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ.

Куыд ӕм фӕхонынц: ацы скъолайы ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн фембӕлд вӕййы районон конгрессы.

Иугонд Штатты 23-ӕм къласы чи ахуыр кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр, Рик, дзуры: «Мӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтон ахуырмӕ, ӕмӕ мын уый фӕрцы Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй баххуыс кодта мӕ удыхъӕд фӕивынӕн. Бамбӕрстон уый, ӕмӕ дын иугӕр Йегъовӕ йӕ организацийы исты хъуыддаг бахӕс кодта, уӕд дын ӕнӕмӕнг ӕххуыс дӕр кӕндзӕн. Адӕймаг йӕхи хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты куы ’вӕра, уӕд ын алкӕддӕр тыхтӕ дӕтдзӕн».

Андреас лӕггад кӕны Германийы ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Ацы скъолайы фӕрцы бирӕ цыдӕртӕ базыдтон, нӕ организаци куыд архайы, уый тыххӕй ӕмӕ ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу ахӕм диссаг саразын. Бацӕттӕ мӕ кодта, разӕй мӕм цы куыст ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма-иу ахуыры рӕстӕг бирӕ ныхас кодтам Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цардыл, ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстон иу ахсджиаг хъуыддаг: адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн куы фӕлӕггад кӕны, уӕд вӕййы ӕцӕг амондджын».

Скъола чырыстон бинонтӕн

Йӕ нысан цы у: цӕмӕй чырыстон бинонты бацӕттӕ кӕна, ӕмӕ Йегъовӕйы къухы уой хорз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ йӕ организацийӕн фылдӕр пайда хӕссой. Ацы скъола чи фӕвӕййы, уыдонӕй бирӕты снысан кӕнынц, сӕ бӕстӕйы ӕххуыс тынгдӕр кӕм хъӕуы, ахӕм рӕттӕм. Кӕйдӕрты дзы ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр арвитынц лӕггад кӕнынмӕ. Иуӕй-иуты та цасдӕр рӕстӕгмӕ снысан кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй, цӕмӕй, Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕй, ахӕм дард рӕтты хъусын кӕной ӕмӕ дзы ног ӕмбырдтӕ саразынӕн ӕххуыс кӕной.

Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: ацы скъола ныр дӕр фӕцӕуы Иугонд Штатты, ӕмӕ йӕ 2012 азы сентябрӕй уадзын райдайдзысты, иуӕй-иу филиалтӕ дзуапп цы территорийӕн дӕттынц, уым дӕр; арӕхдӕр Паддзахады залы кӕнӕ Конгрессты залы.

Чи дзы фӕахуыр кӕны: чырыстон бинонтӕй 25 азӕй 50 азы онг кӕуыл цӕуы, йе ’нӕниздзинад хорз кӕмӕн у, кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц ӕмӕ пехуымпар Исайау цӕттӕ чи у, уыдон (Ис. 6:8). Хъуамӕ ӕппынкъаддӕр иумӕ цӕрой дыууӕ азы бӕрц ӕмӕ дыууӕ азы фӕд-фӕдыл ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной. Лӕг хъуамӕ ӕппынкъаддӕр фӕстаг дыууӕ азы уа хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.

Куыд ӕм фӕхонынц: уыцы скъоламӕ кӕй фӕнды, уыдонӕн фембӕлд вӕййы облӕстон конгрессы. Кӕд уӕ бӕстӕйы конгрессты ахӕм фембӕлдтӕ нӕ вӕййы, уӕд уӕ бон у филиалмӕ ныффыссын, цӕмӕй уын алцыдӕр бамбарын кӕной.

«Дыууӕ мӕймӕ цы базыдтам, уый нын нӕ цард тынг фӕивта. Махау Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын кӕй фӕнды, уыцы бинонтӕн ацы скъола дӕтты диссаджы фадӕттӕ! Скъола нӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй нӕ цард афтӕ аразӕм, ӕмӕ нӕ лӕггад кӕнын мацы хъыгдара» (Эрик ӕмӕ Коринӕ, 1-ӕм кълас, 2011 аз; сӕ къам бынӕй).

Галаады скъола

Йӕ нысан цы у: цӕмӕй дзы чи ахуыр кӕны, уыдоны бацӕттӕ кӕна, тынг бирӕ адӕм кӕм цӕры, ахӕм рӕтты миссионертӕй лӕггад кӕнынмӕ кӕнӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕй йе та Вефилы лӕггад кӕнынмӕ. Йӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ филиалты куыст размӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуа.

Цас фӕцӕуы: фондз мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк, АИШ).

Чи дзы фӕахуыр кӕны: Миссионертӕй чи лӕггад кӕны, фӕлӕ ацы скъола чи нӕ рацыд, уыдон, стӕй сӕрмагонд пионертӕ, цӕуӕг цӕстдарджытӕ кӕнӕ, Вефилы чи лӕггад кӕны, ахӕм бинонтӕ. Хъуамӕ афтӕ иумӕ лӕггад кӕной ӕппынкъаддӕр ӕртӕ азы. Хъуамӕ англисагау хорз дзурой, кӕсой ӕмӕ фыссой.

Куыд ӕм фӕхонынц: бинонты фӕхоны сӕ бӕстӕйы филиалы комитет.

Лейд ӕмӕ Моник сты Иугонд Штаттӕй ӕмӕ ныртӕккӕ лӕггад кӕнынц Африкӕйы. Лейд дзуры: «Галаады скъола куы фестӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕттӕ стӕм, цӕмӕй кӕдӕмфӕнды дӕр ацӕуӕм ӕмӕ нӕ зынаргъ ӕфсымӕртимӕ ӕвӕллайгӕйӕ фыдӕбон кӕнӕм».

Моник та афтӕ зӕгъы: «Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайын, уӕд мын мӕ лӕггад фӕхӕссы стыр циндзинад. Ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрстон, циндзинад кӕй у Йегъовӕйы стыр лӕвӕрттӕй иу».

Скъола филиалты комитетты уӕнгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн

Йӕ нысан цы у: цӕмӕй филиалты комитетты уӕнгтӕн баххуыс кӕна, ӕмӕ Вефилы хуыздӕр разамынд дӕттой, сӕ хъус дарой, ӕмбырдтыл чи фӕзыны, уыцы хъуыддӕгтӕм, стӕй сӕ территорийы районтӕ ӕмӕ облӕсттӕм. Бирӕ цыдӕртӕ ма базонынц, нӕ литературӕ куыд тӕлмац цӕуы, куыд ӕй мыхуыр кӕнынц ӕмӕ йӕ ӕмбырдтӕм куыд ӕрвитынц, уый тыххӕй дӕр.

Цас фӕцӕуы: дыууӕ мӕйы.

Кӕм фӕцӕуы: Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ахуырадон центры Паттерсоны (штат Нью-Йорк, АИШ).

Чи дзы фӕахуыр кӕны: филиалты комитетты кӕнӕ бӕстӕйы комитетты уӕнгтӕ, стӕй, комитетты лӕггад кӕнынмӕ кӕй хъуамӕ фӕхоной, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ сӕ устытӕ.

Куыд ӕм фӕхонынц: уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ сӕ устыты фӕхоны Разамонӕг совет.

Лоуэлл ӕмӕ Карӕ ахуыр кодтой уыцы скъолайы 25-ӕм къласы ӕмӕ ныр лӕггад кӕнынц Нигерийы. Лоуэлл зӕгъы: «Скъолайы нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, цыфӕнды ӕнӕвдӕлон ма уӕм ӕмӕ нын цавӕрфӕнды куыст ма бахӕс кӕной, уӕддӕр Йегъовӕйӕн сӕйраг у, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕнӕм ӕмӕ нӕхиуыл кусӕм. Нӕ хъус ма нын ӕрдардтой уымӕ дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд уарзы, мах дӕр сӕ афтӕ кӕй хъуамӕ уарзӕм».

«Мӕ зӕрдӕмӕ дзы тынг фӕцыд иу хъуыды,– дзуры Карӕ.– Иннӕтӕн мӕ бон исты хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнын куы нӕ уа, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ мӕхӕдӕг дзӕбӕх не ’мбарын ӕмӕ йӕ хъӕуы лӕмбынӕгдӕр раиртасын».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын