Фиппаинаг
a Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Иосифы ӕфсымӕртӕ ахъуыды кодтой, сӕ фыд Иосифӕн ахӕм лӕвар уый тыххӕй кӕй скодта, ӕмӕ йын хистӕр фырты бартӕ раттынмӕ хъавыд. Иосиф уыд Иаковӕн йӕ уарзон усы, фыццаг ӕй кӕй фӕндыд ракурын, уыцы сылгоймаджы, хистӕр фырт. Уымӕй уӕлдай Иаковы фыццаг фырт, Рувим, йӕ фыды фӕхудинаг кодта – йӕ номылусимӕ йын ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр фырты бартӕй ӕнӕхай фӕци (Райдиан 35:22; 49:3, 4).