Фиппаинаг
b Рагон Египеты кодтой 90 алыхуызон дзулӕй фылдӕр ӕмӕ алыхуызон адджын гуылтӕ. Уӕдӕ фараоны дзулгӕнджыты хистӕр кадджын адӕймаг уыд. Фараоны сӕндар дӕр дзӕвгар адӕмӕн уыд хицау. Уыдон хъуамӕ кастаиккой, цӕмӕй фараоны фынгыл алкӕддӕр уыдаид ӕппӕты хуыздӕр сӕн ӕмӕ бӕгӕны. Стӕй уыцы рӕстӕг фараоны ныхмӕ сусӕг фӕндтӕ арӕх кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ ма сӕ хӕс уыд сӕ хъус дарын, цӕмӕй йын йӕ сӕны кӕнӕ бӕгӕныйы марг мачи ныккодтаид. Уӕдӕ диссаг нӕу, сӕндарыл-иу паддзах тынг кӕй ӕууӕндыд.