Фиппаинаг
a Церебралон паралич (ЦП) у, адӕймагӕн йӕ сӕры магъз раст кӕй нӕ фӕкусы, уый тыххӕй йӕ буары змӕлдыл йӕ бар куы нӕ фӕцӕуы, уый. Ацы низ ахӕм у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, адӕймаг суртӕ кӕнын райдайа, йӕ ахсӕн хорз мауал куса ӕмӕ йӕ бон рӕстмӕ дзурын мауал уа. Спастикон квадриплеги (спастическая квадриплегия) та у ЦП-йы формӕтӕй ӕппӕты уӕззаудӕр. Уый аххосӕй адӕймагӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ нал фезмӕлынц ӕмӕ йӕ сӕр нал фӕуромы.