Фиппаинаг
a Йесо фӕстаг бонты тыххӕй куы дзырдта, уӕд радзырдта цалдӕр фӕсномыг ныхасы. Фыццаг уал радзырдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» тыххӕй. Уый у, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи дӕтты, уыцы сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд (Матф. 24:45–47). Уый фӕстӕ радзырдта, сӕрст чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр чи хаудта, уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ (Матф. 25:1–30). Фӕстагмӕ та радзырдта, Чырыстийы ӕфсымӕртӕн чи ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн уыдзӕн, уыдоны тыххӕй (Матф. 25:31–46). Афтӕ Йезекилы пехуымпарад дӕр нӕ рӕстӕджы ӕххӕст кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаджыдӕр амыдта, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Ӕнӕуи, дӕсмыггаг паддзахад, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ нӕ фӕамоны. Фӕлӕ ацы пехуымпарады, дыууӕ лӕдзӕджы кӕй баиу уыдзысты, уый кой кӕй ис, уый нын не ’ргом здахы, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны ’хсӕн цы иудзинад ис, уымӕ.