Фиппаинаг
b Саррӕ Авраамы хо уыд. Уыди сын иу фыд, Фаррӕ, фӕлӕ мадӕй хицӕн уыдысты (Райдиан 20:12). Абон тугхӕстӕджытӕн сӕ цард баиу кӕныны бар нӕй, фӕлӕ уыцы рӕстӕг хабар ӕндӕрхуызон уыди. Адам ӕмӕ Евӕ ӕххӕст куы нал уыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ адӕм нырма ӕнӕниздӕр уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ тӕссаг нӕ уыдаид, сӕ цот сахъатӕй кӕй райгуырдаиккой, уымӕй. Фӕлӕ иу-400 азы фӕстӕ адӕм цӕрын райдыдтой, абон цас цӕрынц, уыйбӕрц. Ӕмӕ уӕд Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ тугхӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуыны бар нал уыд (Левит 18:6).