Фиппаинаг
a Ӕвӕццӕгӕн, ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ уый размӕ Ног Фӕдзӕхст дзуттаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой. Уыдонӕй иу уыди Симон Аутоманос, византиаг сауджын (1360 азмӕ ’ввахс). Иннӕ та Освальд Шреккенфукс, немыцаг ахуыргонд (1565 азмӕ ’ввахс). Сӕ тӕлмацтӕ мыхуыры никуы рацыдысты ӕмӕ нӕ рӕстӕгмӕ не ’рхӕццӕ сты.