Фиппаинаг
a Профессор Марвин Пейт куыд ныффыста, афтӕмӕй ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дзырд «абон»-ӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ уыцы бон, ома 24 сахаты мидӕг, амӕлдзӕн ӕмӕ дзӕнӕтмӕ бахаудзӕн. Фӕлӕ дарддӕр ныффыста, уыцы хъуыды кӕй у, Библийы ма ноджыдӕр цы фыст ис, уый ныхмӕ. Зӕгъӕм, Йесо куы амард, уӕд уыд ингӕны ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацыд (Матф. 12:40; Хъуыд. 2:31; Ром. 10:7).