Фиппаинаг
d Ныхӕстӕ, «ма тӕрс», зӕгъгӕ, Исайы 41-ӕм сӕры ӕмбӕлынц ӕртӕ хатты: 10-ӕм, 13-ӕм ӕмӕ 14-ӕм стихты. Уыцы стихты ма бирӕ хӕттыты ӕмбӕлы номивӕг «ӕз», ӕмӕ алы ран дӕр хауы Йегъовӕмӕ. Цымӕ Йегъовӕ Исайӕн уыцы номивӕг уал хатты цӕмӕн ныффыссын кодта? Цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты ӕргом раздӕхтаид иу ахсджиаг хъуыддагмӕ: сӕ зӕрдӕтӕй тас фӕсурын сӕ бон бауыдзӕн, Йегъовӕйыл сӕ ныфс куы дарой, ӕрмӕстдӕр уӕд.