Фиппаинаг
b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр схайджын кодта ӕфсармӕй. Уыцы миниуӕджы фӕрцы нӕ бон у нӕ хъуыдытӕ, не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ раиртасын ӕмӕ, раст бакодтам ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын (Ром. 2:15; 9:1). Не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ фӕамоны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы бамбарын, нӕ зондахаст, нӕ дзыхыныхас ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ раст сты ӕви нӕ.