Фиппаинаг
a Истӕуыл ӕгӕр тынг кӕнӕ бирӕ рӕстӕг куы маст кӕнӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, не ’нӕниздзинадыл фӕзына ӕмӕ нӕ ныфс асӕтта. Ахӕм уавӕры нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн? Уый базоныны тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, Илийайӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд ын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, уымӕ. Стӕй ма Библийӕ цалдӕр цӕвиттоны фӕрцы базондзыстӕм, истӕуыл куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд-иу цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ баххуыс кӕна.