Фиппаинаг
a Апостолтӕ цалдӕр азы Йесоимӕ лӕггад кодтой, иумӕ рӕстӕг ӕрвыстой, ныхас-иу кодтой, ӕмӕ систы хорз хӕлӕрттӕ. Йесойы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Фӕлӕ уый апостолтӕн куыд ӕнцон уыд, махӕн афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, цавӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй цалдӕрыл, стӕй цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм ӕмӕ йыл алкӕддӕр ӕнувыд уӕм.