Фиппаинаг
a Ацы дунейы хицау у Хӕйрӕг, мӕнгдзинады фыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр ӕмбӕлӕм цавӕрдӕр цӕлхдуртыл. Н. э. 1 ӕнусы кӕрон чи цард, уыцы чырыстӕттӕн дӕр сӕ хабар афтӕ уыд. Йегъовӕйы фӕндыд уыдонӕн дӕр ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕнын, ӕмӕ апостол Иоаннӕн ныффыссын кодта ӕртӕ фыстӕджы. Уыцы фыстӕджыты фӕрцы базондзыстӕм, чырыстӕттӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕргӕйӕ цавӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ бон куыд у сӕ сӕрты хизын.