Фиппаинаг
a Адӕймагӕн цыдӕр куы фӕамонӕм ӕмӕ йӕ цӕуылдӕр куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй райдайа ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын ӕмӕ ӕндӕрхуызон архайын. 2020 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст – Матфейы 28:19 стих – уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, тынг ахсджиаг кӕй у адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ сын амонын, цы сӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй донаргъуыд райсой ӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Ацы статьяйы ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи ис, уыцы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджындӕр цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уымӕ.