Фиппаинаг
a Зӕххыл Йесойӕ хуыздӕр Ахуыргӕнӕг нӕ уыди. Фӕлӕ йыл йӕ рӕстӕджы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты. Цӕуылнӕ? Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм цыппар хъуыддагыл. Аныхас ма кӕндзыстӕм, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ цы дзурынц ӕмӕ куыд цӕрынц, уый абон бирӕтӕн цӕлхдур цӕмӕн свӕййы. Стӕй ма базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йесойыл фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ нын цӕлхдур мацы суа. Ацы статья ӕмӕ иннӕ статья уӕлдайдӕр баххуыс кӕндзысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, ууыл фӕстӕ чи кӕны, уыдонӕн.