Фиппаинаг
a Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хатт хотӕ кӕнӕ ’фсымӕртӕй кӕйдӕр цӕмӕйдӕр фӕхъыг кӕнӕм. Афтӕ куы рауайы, уӕд куыд бакӕнӕм? Фӕархайӕм, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм? Уайтагъд дзы хатыр ракурӕм? Ӕви афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, мӕ аххос нӕу, йӕхӕдӕг тӕргайгӕнаг у, зӕгъгӕ? Кӕнӕ та, чи зоны, нӕхӕдӕг арӕх иннӕтӕм фӕхъыг вӕййӕм. Уӕд нӕхи фӕрӕстытӕ кӕнӕм, ахӕм адӕймаг дӕн, ӕмӕ цы бакӕнон, зӕгъгӕ? Ӕви фембарӕм, уый нӕ лӕмӕгъдзинад кӕй у ӕмӕ кӕй хъуамӕ аивӕм?