Фиппаинаг
a Библи комкоммӕ дзуры, Йегъовӕ Хуыцау Сфӕлдисӕг кӕй у. Фӕлӕ бирӕтӕ ууыл не ’ууӕндынц. Уыдон зӕгъынц, цард йӕхигъӕдӕй кӕй фӕзынд. Цӕмӕй сӕ ныхӕсты тыххӕй дызӕрдыг кӕнын ма райдайӕм, ӕппӕт дӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, ууыл, уый тыххӕй нӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл тынгдӕр ӕууӕндӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон аразын куыд у, ууыл.