Фиппаинаг
a Адӕймагӕн тынг зын вӕййы, йӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадзы, уӕд. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ахӕм хабар куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕ цы фенкъары, ууыл. Базондзыстӕм ма, бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы маст сфӕразой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар уа. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у ахӕм бинонтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын.