Фиппаинаг
a 2022 азы стихы ныхӕстӕ ист сты Псалом 34:10 стихӕй: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты». Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ хъӕздыг не сты, бирӕ сӕм ницы ис. Фӕлӕ уӕд цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ хорздзинӕдтӕй цух не сты? Ӕмӕ ацы стихы хъуыды раст куы ’мбарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн фидӕны зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн?