Фиппаинаг
a Иаков уыди Йесойы кӕстӕр ӕфсымӕр. Схъомыл сты иу бинонты ’хсӕн. Иаков ӕй куыд хорз зыдта, афтӕ йӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ нӕ зыдтой. Иаков сси фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды цӕджындзтӕй сӕ иу. Ӕмӕ ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, куыд цард ӕмӕ иннӕтӕн цы амыдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.