Фиппаинаг
a Тимофей уыд фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр апостол Павел разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы дарддӕр дӕр нысӕнттӕ ӕвӕрдтаид. Тимофей Павелы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы йӕ бон уыди Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын. Дӕу дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Тимофейау фӕнды Йегъовӕйӕн ӕмӕ де ’мчырыстӕттӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Уымӕн дын цавӕр нысӕнттӕ баххуыс кӕндзысты? Ӕмӕ дӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дӕ къухы бафтой?