Фиппаинаг
a Йегъовӕ йӕ Ныхасы дзуры, йӕ рӕдыдтытыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы. Фӕлӕ нӕм, чи зоны, иуӕй-иу хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, нӕ рӕдыдтытыл-иу зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд-иу нын Хуыцау кӕй ныххатыр кӕндзӕн.