Фиппаинаг
a Адӕймаг истӕмӕй куы фӕтӕрсы, уӕд уый ӕвзӕр нӕ вӕййы. Афтӕмӕй йӕ бон вӕййы, тӕссаг ын цӕмӕй у, уымӕй йӕхи бахъахъхъӕнын. Фӕлӕ цӕмӕйдӕрты ӕгӕр куы тӕрсӕм, уӕд та нын уый хӕсдзӕн зиан. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг уымӕй пайда кӕндзӕн. Ӕмӕ хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты тас бацӕуа. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Фидарӕй нӕ куы уырна, Йегъовӕ нӕ фарс кӕй у ӕмӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм. Ӕмӕ ацы статьяйы ууыл аныхас кӕндзыстӕм.