Фиппаинаг
a Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй стыр зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, уыдоныл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд арӕхдӕр нӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы Иов. Ацы иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы хабарӕй нӕ бон у базонын, Хӕйрӕгӕн йӕ бон кӕй нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы ныууадзӕм. Стӕй ма йӕ хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ хорз кӕй фӕзоны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уый. Ӕмӕ Иовы фыдӕвзарӕнтӕн кӕрон куыд скодта, афтӕ тагъд мах зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм.