Фиппаинаг
a Ацы дунейы зын у ссарын рӕстзӕрдӕ, рӕстуд адӕмы. Фӕлӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕмтӕ дӕр бирӕ сты. Уыдон рӕстӕй цӕрыныл уымӕн архайынц, ӕмӕ уарзынц Йегъовӕйы. Йегъовӕ та у рӕстзӕрдӕ Хуыцау. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, рӕстгӕнӕг уай, уый цы нысан кӕны ӕмӕ, рӕстӕй кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы нӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд аивта, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ноджы тынгдӕр фӕнда, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразын.