Фиппаинаг
a Ӕрымысӕн изӕры афон нӕ фӕхъӕуы Йесойы цардыл ӕмӕ мӕлӕтыл ахъуыды кӕнын, стӕй, Йесо ӕмӕ йӕ Фыд цы стыр уарзондзинад равдыстой, ууыл. Уый фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, бузныг сӕ кӕй стӕм, уый хъуыддагӕй равдисын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын, ууыл. Ноджыдӕр ма аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр уарзӕм, хъӕбатырдзинад ӕвдисӕм ӕмӕ нын нӕ лӕггад циндзинад хӕсса.