Фиппаинаг
a Ӕмбырдты дзуапп куы фӕдӕттӕм, уӕд кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауӕм. Чидӕртӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц дзуапп раттынмӕ. Иннӕтӕ та уарзынц дзуапп дӕттын, фӕлӕ сӕ афтӕ арӕх нӕ бафӕрсынц. Нӕ бон куыд вӕййы равдисын, кӕрӕдзийыл кӕй хъуыды кӕнӕм? Ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕ дзуаппытӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнын? Ацы статьяйы ацы фарстатӕн дзуапп ссардзыстӕм.