Фиппаинаг
a Йегъовӕ загъта, израилӕгтӕ Вавилонӕй Израилмӕ куы здӕхой, уӕд ахӕсгӕ хуызы «Сыгъдӕг фӕндагыл» кӕй цӕудзысты. Цымӕ нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн фӕндаг ссыгъдӕг кодта? О. 1919 азӕй фӕстӕмӕ милуантӕ рацыдысты Стыр Вавилонӕй ӕмӕ райдыдтой «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ уыцы фӕндагыл цӕуӕм, цалынмӕ, кӕдӕм цӕуӕм, уырдӕм нӕ бахӕццӕ уӕм, уӕдмӕ.