Фиппаинаг
a Адам ӕмӕ Евӕйы заманӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг адӕмы ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, уӕхӕдӕг хъуамӕ скъуыддзаг кӕнат, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ архайдзысты ӕмӕ йын йӕ организацийы амындтӕм хъусдзысты ӕви нӕ. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейы хуызӕн хивӕнд ма суӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы фарс лӕууӕм.