Фиппаинаг
d Паддзах Асӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта (2 Аз. 16:7, 10). Фӕлӕ Библийы фыст ис, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый кӕй арӕзта. Ӕмӕ кӕд фыццаг Хуыцауы пехуымпармӕ нӕ байхъуыста, уӕддӕр, чи зоны, фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодта. Йегъовӕ уыдта, кӕд рӕдигӕ кодта, уӕддӕр ӕм фылдӕр хорз миниуджытӕ кӕй уыд. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Асӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ паддзахад мӕнг хуыцӕуттӕй ссыгъдӕг кодтаид (1 Пад. 15:11–13; 2 Аз. 14:2–5).