Фиппаинаг
a АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Библийы дзырд «тӕригъӕд» фӕамоны, раст чи не сты, ахӕм хъуыддӕгтӕм, ома, Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы нӕ фӕархайӕм, уымӕ. Фӕлӕ ма дзырд «тӕригъӕд» фӕамоны, Адамӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы ӕнӕххӕстдзинадмӕ, ома, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уымӕ. Ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнӕм.