Фиппаинаг
a Зӕгъӕм, чырыстоны йӕхи фӕдарыны тыххӕй кусын нӕ фӕнды, кӕд кусын йӕ бон у, уӕддӕр; ӕнӕуырнӕгимӕ ӕмбӕлы ӕмӕ уый растыл нымайы; ӕмбырды цы разамынд радтой, уый ныхмӕ дзуры; Библийы ахуырӕдтимӕ разы нӕу кӕнӕ искӕй фыдкой кӕны (1 Кор. 7:39; 2 Кор. 6:14; 2 Фес. 3:11, 12; 1 Тим. 5:13). Ахӕм митӕ чи кӕны, Библийы уыдоны тыххӕй ис фыст, зӕгъгӕ, «цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ» кӕнынц.