Фиппаинаг
a Йегъовӕ Сырх денджызы раз цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи федта, уыцы израилӕгтӕй бирӕтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыдысты (Ным. 14:22, 23). Йегъовӕ загъта, 20 азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдзӕрӕг быдыры кӕй амӕлдзысты (Ным. 14:29). Фӕлӕ 20 азӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыдонӕй бирӕтӕ, стӕй Йесо На́вин, Хале́в ӕмӕ ма Левийы мыггагӕй бирӕтӕ удӕгасӕй баззадысты. Уыдон иууылдӕр Иорданы цӕугӕдоны сӕрты ахызтысты ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдысты (Дык. з. 1:24–40).