Фиппаинаг
a Зӕгъӕм, Америкӕйы Иугонд Штатты Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕмӕ социалон службӕты министрад сбӕрӕг кодта, сылгоймагӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕн бирӕ нуазын цас у, уый: «Сылгоймагӕн бирӕ нуазын у, боны дӕргъы 4 порцийы кӕнӕ уымӕй фылдӕр куы нуаза, къуырийы дӕргъы та 8 порцийы кӕнӕ фылдӕр. Нӕлгоймагӕн та бирӕ нуазын у, боны дӕргъы 5 порцийы кӕнӕ фылдӕр нуазын, къуырийы дӕргъы та 15 порцийы кӕнӕ фылдӕр». Иу порци алы бӕстӕты иухуызон нӕу. Уымӕ гӕсгӕ дӕ дохтыры бафӕрс, цӕмӕй зонай, дӕуӕн дӕ бӕрц цас у, уый.