Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Къуырисӕр, 1 сентябрь

Уӕларвӕй [нӕм] рухс ӕркӕсдзӕн (Лук. 1:78).

Хуыцау Йесойӕн радта тых, цӕмӕй адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕна. Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уымӕй равдыста, ахӕм тых ӕм кӕй ис, цӕмӕй адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕна. Нӕхи бон никуы уыдаид уыцы зындзинӕдтӕй фервӕзын. Зӕгъӕм, ис ӕм ахӕм тых, цӕмӕй нӕ ссӕрибар кӕна, зындзинӕдтӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй ӕвзарӕм, уымӕй – нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы тӕригъӕдӕй. Стӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй дӕр – низтӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй (Матф. 9:1–6; Ром. 5:12, 18, 19). Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй ма бӕрӕг у, йӕ бон кӕй у «алыхуызон» низтӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ суанг мӕрдты дӕр ӕгас кӕнын (Матф. 4:23; Иоан. 11:43, 44). Стӕй ма йӕ бон у тыхдымгӕтӕ сабыр кӕнын ӕмӕ адӕмӕй дӕлимонты сурын (Мар. 4:37–39; Лук. 8:2). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн ахӕм тых кӕй радта, уый нын у стыр ныфсы хос! Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты. Йесо зӕххыл цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй равдыста, Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах куы уа, уӕд ноджы стырдӕр диссӕгтӕ кӕй сараздзӕн. w23.04 3, 4 фф., 5–7 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 2 сентябрь

Сыгъдӕг тых алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф зонд дӕр (1 Кор. 2:10).

Кӕд уе ’мбырды бирӕ хъусынгӕнджытӕ ис, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дын ӕфсымӕр арӕх дӕ къух нӕ фены. Ӕмӕ, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, гъемӕ ӕппындӕр ницыуал дзурдзынӕн. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Алы ӕмбырдмӕ дӕр-иу цалдӕр дзуаппы бацӕттӕ кӕн. Ӕмӕ дӕ райдианы куы нӕ бафӕрсой, уӕд дӕр ма дын фӕстӕдӕр уыдзӕн фадат дзуапп раттынӕн. Дӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, алы абзац дӕр статьяйы темӕимӕ куыд баст у, ууыл. Афтӕмӕй дӕ бон уыдзӕн хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бон ма у дзуапп бацӕттӕ кӕнын, арфдӕр хъуыдыты кой кӕм цӕуы, уыцы абзацтӕм. Ахӕм хъуыдытӕ зындӕр вӕййы бамбарын кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй, йӕ къухыл чи схӕцы, уыдон афтӕ бирӕ нӕ вӕййынц. Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр фӕд-фӕдыл цалдӕр ӕмбырды нӕ бафарстой. Уӕд дӕ бон у ӕмбырды размӕ ӕфсымӕрӕн зӕгъын, кӕцы фарстайӕн дӕ фӕнды дзуапп раттын. w23.04 21, 22 фф., 9, 10 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 3 сентябрь

Иосиф... сарӕзта, Йегъовӕйы зӕд ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ – йӕ усы ӕрбакодта (Матф. 1:24).

Иосиф алкӕддӕр цӕттӕ уыд Йегъовӕйы разамындмӕ байхъусынмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы уыд хорз сӕрыхицау. Йегъовӕ йын ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты радта разамынд йӕ бинонты тыххӕй. Ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр уайтагъд разамындмӕ байхъуыста, стыр ивындзинӕдтӕ йӕ скӕнын куы хъуыд, уӕд дӕр (Матф. 1:20; 2:13–15, 19–21). Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы йӕ бон уыд Марийӕйы хъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ цӕрынӕн цы хъуыд, уыдӕттӕ амал кӕнын. Уый тыххӕй йӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр уарзта ӕмӕ нымадта. Лӕгӕн йӕ бон у Иосифы фӕзмын ӕмӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Афтӕ куы кӕнай – уый тыххӕй-иу дӕ исты фӕивын куы хъӕуа, уӕд дӕр – уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕ бинойнаджы кӕй уарзыс. Стӕй уый фӕрцы ӕнгомдӕр кӕндзыстут. Вануатуйӕ иу хо (моймӕдзыд у 20 азӕй фылдӕр) загъта: «Мӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы разамынд куы фӕагуры ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд ӕй тынгдӕр нымайын райдайын. Раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл нӕ фӕдызӕрдыг кӕнын ӕмӕ ницӕуыл фӕмӕт кӕнын». w23.05 21 ф., 5 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын